«Иууыл ахсджиагдæр хос у фæлмæн уарзта æмæ аудындзинад»

Мад Терезæ

 

Адæймаг йе ‘взонджы бонты куыдфæнды ма рацæра, уæддæр не ‘ппæты дæр зæронды бонтæм хъæуы цæуын. Ахæм у царды закъон. Фæлæ ас карæн  дæр ис йæхи хорздзинæдтæ: фæлтæрддзинад, куырыхондзинад, хи сывæллæттæ æмæ уыдоны сывæллæттæн цыт кæнын, паддзахады æрдыгæй социалон æгъдауæй хъахъхъæд. Растдæр уый руаджы ХХ æнусы кæрон фæзынд ацæргæ адæймæгты бæрæгбон. Раст нæ уыдзæн афтæ хъуыды кæнын, зæгъгæ, цалынмæ ацæргæ адæймæгты боны нæ райдыдтой нысан кæнын, уæдмæ æхсæнады сæ проблемæтыл дзырд нæ цыд, кæнæ сывæллæттæ нæ аудыдтой сæ кардзыд ныййарджытыл.

«Ацæргæ адæймæгты дунеон бон» æппæт дунейы дæр бæрæг кæнынц алы аз дæр 1-æм октябры. Ацы бон фыццаг нысан кодтой æрмæстдæр Европæйы, фæстæдæр æй бæрæг кæнын райдыдтой АИШ-ы. 80-æм азæй фæстæмæ йæ нысан кæнын райдыдтой æндæр бæстæты дæр, уыцы нымæцы Уæрæсе, Белоруси, Украинæ, Латви, Молдави æмæ Азербайджаны  дæр. Ацы ног бæрæгбоны тыххæй УФ-йы хицауад уынаффæ рахаста 1992 азы 1-æм июны. Уæдæй фæстæмæ ссис тынг популярон æрмæст хистæр кары адæмы æхсæн нæ, фæлæ фæсивæды æхсæн дæр.

Фыццаджы дæр, ацы бæрæгбон организацигонд æрцыд ацæргæ адæймæгтæн кад æмæ цыт кæныны сæраппонд. Зæрæдты фарст ахсджиагыл нымад цыд паддзахадон æмвæзадыл. Ис сын алыгъуызон льготæтæ, куыд зæгъгæм, хос кæнын æмæ реабилитаци рацæуыны тыххæй медицинон квотæтæ, социалон æмæ нысанон æххуыстæ. Зæрæдты хæдзæрттæ дæр сты,  куыд уыцы аудындзинæдтæй сæ иу, афтæ.  Иуæй-иу зæрондæн ахæм хæдзар у цæрыны иунæг фæрæз. Ацæргæ адæмы бæрæгбоны фæрцы фадат ис æргомæй зæгъæн зæрæдты проблемæты тыххæй, сæ бирæазты фæллойы тыххæй сын скад кæнын, уыдонæн æнæмæнгхъæугæ æххуыс бакæныны тыххæй реалон къахдзæфтæ саразын.  Хуссар Ирыстоны хицауад æппæтæй дæр архайы, цæмæй ацæргæ адæймæгтæн уа æмбæлон æххуыс æмæ аудындзинад. Цхинвалы Хъайтарты уынджы кæрон 1964 азы арæзт æрцыд медицинон-социалон центр «Аудындзинад», зæгъгæ. Пансионат кæддæриддæр цæттæ у æххуысхъуаг адæймæгтæн баххуыс кæнынмæ.

Алчидæр  фæбæллы, цæмæй зæрырдæм йæ цард арвита, цæрæнбонты цы хæ-дзары фæцард æмæ базæронд, уым. Фæлæ, хъыгагæн,  вæййы афтæ дæр æмæ бирæ ацæргæ адæймæгтæн нæ вæййы сывæллæттæ æмæ æввахс хæстæджытæ, кæцытæ сæ фарсмæ балæууой. Уымæ гæсгæ уыдон æххуысагур бацæуынц зæрæдты хæдзармæ, цыран фæкæнынц сæ дарддæры цард. Цхинвалы зæрæдты æмæ инвалидты пансионат алкæддæр цæттæ у, сæ сывæллæтты хъусдардæй иппæрд чи сты æмæ цæрæн бынат кæмæн нæй, уыдоны райсын æмæ сын баххуыс кæнынмæ. Уый æххæстæй дæр ифтонг кæны паддзахад. Пансионаты ацæргæ адæймæгтæн ис уавæртæ сæ рæстæг æрвитынæн, куыд зæгъæм, стъолыл хъæзтытæ, тезгъо кæнын, телевизормæ бакæсынæн. Боны мидæг хæрынц æртæ хатты. Бæрæгбонты рæстæджы сын алы хатт дæр саразынц бæрæгбонон фынг. Ифтонг сты æххæст стационарон медицинон лæггæдтæй.

Æнæрахатгæ нæй уый дæр, æмæ нæ республикæйы æхсæнад сæ хъус тынг кæй райдыдтой дарын ам уæвæг ацæргæ адæймæгты проблемæтæм. Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ финансон æмæ материалон æххуыс бакæнынц пансионаты цæрджытæн. Бирæтæ сын æрбахæссынц уæлæдарæс, хæлцадон продукттæ, сæ нæмттæ дæр не схъæр кæнынц, афтæмæй. Фæзæгъынц, зæгъгæ, мах уый сарæзтам сыгъдæг зæрдæйæ.

Ацæргæ адæймаджы бон у ирд бæрæгбон, уыцы бон уæлдай тынгдæр хъусдард здæхт æрцæуы рæвдыдхъуаг адæймæгтæм. Махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй аудæм нæ ныййарджытыл, не ‘ввахс адæмыл.

 Кокайты З.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.